филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:34 вторник, 03 ноября 2026
14 октября 2019, 12:00
Битарты Вячеслав фембæлд республикæйы цæрджытимæ

Уæрæсейы Президенты æхсæнадон исæнуатмæ æрбацыд 23 адæймаджы. Сæ фылдæры тыхсын кодтой сæ царды хабæрттæ.

Битарты Вячеслав фембæлд республикæйы цæрджытимæ.

Уæрæсейы Президенты æхсæнадон исæнуатмæ æрбацыд 23 адæймаджы. Сæ фылдæры тыхсын кодтой сæ царды хабæрттæ. Уымæн æмæ бахаудысты зын уавæры, æмæ республикæйы сæргълæууæгмæ æрбацыдысты материалон æххуысагур. Æппæт курдиæттæм дæр Битарты Вячеслав лæмбынæг байхъуыста, æмæ адæмæн бахуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдта. Фембæлды рæстæг ма лыггонд æрцыд иу ахсджиаг фарста. 71-æм рæвдауæндоны сæргълæууæг республикæйы разамонæгæй ракуырдта, цæмæй сын баххуыс кæна бæстыхайы алфамблай быруйæ сæхгæнын. Йæ дæргъ у 270 метры. Уый фыццаджыдæр хъæуы сывæллæтты æдасдзинады тыххæй. Битарты Вячеслав загъта, хъуыддаг конд кæй æрцæудзæн, уый. Уымæй дарддæр ма зæрдæ бавæрдта, рæвдауæндоны кæй бакæндзысты цалцæггæнæн куыстытæ, стæй дзы сæвæрдзысты ирхæфсæн фæз. Иннæ лыггæнинаг фарста та баст уыди — Мацутæйы фельдшерон-акушерон пункт саразынимæ. Республикæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, дзы ныридæгæн баныхас кодтой поликлиникæ саразын. Сæрмагондæй уыцы нысантæн, сæрмагонд программæ æххæст кæнгæйæ, бавæрдтой 18 милуан сомы. Куыд ма сбæрæг, афтæмæй Дыгургомы цæрджытæ тынг тыхсынц транспорты уавæрæй. Комы цæры 700 адæймаджы онг. Битарты Вячеслав профилон ведомствойæн бабар кодта хъуыддагмæ бæстон æркæсын. Æмтгæй райсгæйæ, цы фарстатыл цыди ныхас фембæлды, уыдонмæ республикæйы сæргълæууæг йæ цæст дардзæн йæхæдæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania