филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:11 вторник, 21 мая 2024
10 марта 2021, 14:23
Битарты Вячеслав фембæлд туризмы комитеты сæрдар Хъодзаты Зауырбегимæ

Фарон пандемийæ арæнтæ æрæхгæдта, фæлæ уый хыгъд Цæгат Ирыстонмæ æрбалвæста бирæ туристты

Туризмы æртæ къабазмæ гæсгæ кусын. Уымæй дарддæр, куыд гæнæн ис, афтæ активонæй федералон программæтæм æргом здахын. Æмæ афтæмæй Цæгат Ирыстонæй туризмы ирддæр регион скæнын. Ацы фарстатыл кусæг фембæлды ныхас кодтой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ профилон комитеты сæрдар Хъодзаты Зауырбег. Фарон пандемийæ арæнтæ æрæхгæдта, фæлæ уый хыгъд Цæгат Ирыстонмæ æрбалвæста бирæ туристты. Бæлвырддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Цæгатирыстойнаг туризм йæ къæхтыл лæууын æрæджы райдыдта. Иу бæрзæнд иннæйы фæдыл басæтгæйæ, ацы къабаз ныртæккæ нымад у сæйрагдæртæй иуыл. Йæ райрæзты маршруттæм хауы цалдæр хъуыддаджы. Сæйрагдæртæ сты цалдæр проекты. Се хсæн – экономикон уавæртæ аразын æмæ инвестрты ргом здахын. Хæстæгдæр рæстæг нæ бæстæйы фæзындзæн национ проект. Профилон комитеты сæрдар Хъодзаты Зауырбег куыд радзырдта, афтæмæй фæстаг цалдæр мæйы Цæгат Ирыстон Ростуризмимæ иумæ кусынц регионалон проекттыл. Уый тыххæй фехъусын кодта рсепубликæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ фембæлды.

Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй нæ республикæ хъуамæ æнæмæнг архайа алыхуызон программæты. Уыдон та национ проект «Туризм и индустрия гостеприимства»-йы программæйы сты æртæ. Баст сты нæ бæстæйы территорийы хæрзхъæд туристон продукци парахат кæнынимæ. Уыцы-иу рæстæг Цæгат Ирыстон хъуамæ йæхи бацæттæ кæна сæрдыгон туристон сезонмæ. Уымæн та хъæуы республикæйы уазджытæн æмбæлгæ æмæ æдас уавæртæ аразын. Туристты нымæц та хъæуы фылдæр кæнын.

Ныртæккæ нæ республикæ туристтæн фæллад уадзынæн дæтты алыхуызон фадæттæ. Цымыдисаг бынæттæ нæм бирæ. Ахсджиаг у лæггæдты системæ банывыл кæнын. Профилон комитет кусы фæндаггон сервисы проекттæ бацæттæ кæныныл.

Туристты ргом раздахынæн баххуыс уыдзæн æндæр регионты куыст дæр. Афтæ ивгъуыд аз туристон Цæгат Ирыстоны тыххæй ныхас цыд нæ бæстæйы 20 горæты. Хъодзаты Зауырбеджы ныхæстæм гæсгæ ахæм куыст цæудзæн дарддæр дæр. Нæ республикæйы арæзт æрцæудзысты рекламон æмæ зонгæкæнæн туртæ сæрмагондæй туристон агентадтæн. Цæгат Ирыстон нысан кæны Уæрæсейы æппæтæй егъаудæр туристон равдысты архайын. Йæ программæмæ гæсгæ арæзт цæудзысты фембæлдтытæ дунеон туристон ассоциацитимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania