филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:28 воскресенье, 05 мая 2024
20 января 2021, 12:58
Битарты Вячеслав кусæг фембæлд сарæзта Агентады разамонæджы хæстæ æххæстгæнæг Туаты Ирмæимæ

2020-æм азы царды сæххæст кодтой цалдæр ахсджиаг проекты

Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав кусæг фембæлд сарæзта Республикæйы райрæзты Агентады разамонæджы хæстæ æххæстгæнæг Туаты Ирмæимæ. Битарты Вячеслав раарфæ кодта ивгъуыд азы æнтыстджын куысты фæдыл. 2020-æм азы царды сæххæст кодтой цалдæр ахсджиаг проекты. Хорз кусынц космонавтикæйы скъола, сывæллæтты футболон академи «Алания», адæмон аивадон сфæлдыстады Центр. Наукæ, культурæ æмæ спорты къабæзты курдиатджын чи у, уыцы сывæллæттимæ дæр цæуы архайд. Царды æххæстгонд цæуы æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабазы кусджыты цæттæгæнæн проект. Агентады хъæппæрисæй арæзт æрцыдысты амалхъомдзинады, туризмы æмæ хъæууон хæдзарады райрæзтæн æххуыс чи уыдзæн, ахæм проекттæ.

Фембæлды рæстæг æрдзырдтой социалон-экономикон райрæзты фæдыл ахсджиаг фарстатыл. Битарты Вячеслав бахаста фæндон, цæмæй агентады бындурыл арæзт æрцæуа хайад, кæцы архайдзæн инвесторты ргом нæ республикæмæ раздахыныл.

Ныхас ма цыд, Уæрæсейы Президент Владимир Путин цы национ æмæ федералон проекттæ сфидар кодта, уыдон нæ республикæйы царды куыд æххæстгонд цæудзысты, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania