филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:05 среда, 22 мая 2024
12 января 2021, 11:53
Битарты Вячеслав кусæг фембæлд Таматы Майрæнимæ

Стыр æргом аздæхтой Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты фарстатæм 2025-æм азмæ

Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазы, национ проектты æмæ паддзахадон программæтæм гæсгæ 2020-æм азы нæ республикæйы размæ цы хæстæ æврæд уыдысты, уыдон æххæстгонд æрцыдысты, куыд æмбæлы, афтæ. Уый тыххæй кусæг фембæлды Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн.

Фембæлды ма архайдтой æндæр бæрнон кусджытæ дæр. Стыр æргом аздæхтой Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты фарстатæм 2025-æм азмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2020-æм азы ноябры ма ацы хыгъдмæ бафтыдтой 38 проекты. Нысангонд æрцыдысты Беслæны. Таматы Майрæн фехъусын кодта, ныридæгæн кæй фæци Беслæны дондзæуæн системæты рацарæзты проектон-сметон документацийыл куыст. Горæты ис 130 километры дондзæуæн хызтæ, 40 киломтерты та ма сты канализацион хызтæ. Ивинаг дзы сты 85-90%. Рацарæзты куыстытæ нысан кæнынц 2022-2024-æм азты бакæнын. Уымæй дарддæр министр радзырдта, кæй сбæрæг сты подрядон организацитæ, федералон проекттæ «Горæты æнцонвадат архайд» æмæ «Цæрæнуæттæ» æххæст кæнынæн. Ацы азмæ снысан кодтой 88 хæдзæртты кæртытæм æмæ 37 æхсæнадон территоритæм базилын. Битарты Вячеслав бæрнон кусджытæн бабар кодта, цæмæй æппæт хæстæм дæр æркæсой, куыд æмбæлы, афтæ. Куыстытæ хъуамæ фæуой ацы аз 1-æм сентябры онг. Цæрæнуæтты-коммуналон службæты архайд та хъуамæ æмбæлгæ уагыл уа 2021-22-æм азты фæззыгон-зымæгон сезонмæ цæттæ кæнгæйæ. Хъуамæ райдайой ацы азы хъармгæнæн сезоны фæстæ. Цæгат Ирыстоны артаджы æмæ энергетикон комплексы стæй цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæ хъуамæ æххæстæй цæттæ уой æнæкъуылымпыйæ кусынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania