филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:01 суббота, 18 мая 2024
15 декабря 2020, 14:08
Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыди хъалонты службæйы республикон Управленийы разамонæгимæ

Сæйраг темæ уыди хъалонты службæйы афæдзы куысты хатдзæгтæ, стæй иннæ азæн бæлвырд нысантæ

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыди федералон хъалонты службæйы республикон Управленийы разамонæг Таймазты Тимуримæ. Хицауады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй сæ ныхасы сæйраг темæ уыди хъалонты службæйы афæдзы куысты хатдзæгтæ, стæй иннæ азæн бæлвырд нысантæ. Таймазты Тимур куыд загъта, афтæмæй 2020-æм азы службæ ахадгæйæ бакуыста паддзахадон хæслæвæрдтыл, уæлдайдæр та пандемийæйы уавæрты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фидарæй зæгъæн ис, куыстуаты ацы азы хатдзæгтæ зæрдæмæдзæугæ кæй сты, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania