филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:57 понедельник, 06 мая 2024
04 августа 2020, 14:31
Битарты Вячеславы разамындæй ма арæзт æрцыд æндæр ахсджиаг æмбырд

Архайдтой дзы районты æмæ ведомствоты разамонджытæ

Битарты Вячеславы разамындæй ма арæзт æрцыд æндæр ахсджиаг æмбырд. Архайдтой дзы районты æмæ ведомствоты разамонджытæ. Битарты Вячеслав ахуырады æмæ наукæйы министрадæн бабар кодта, цæмæй сбæрæг кæной скъолаты цæттæдзинад ног ахуыры азмæ эпидемиологон домæнтæм гæсгæ. Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй кæд регион сындæггай здæхы раздæры царды фæткмæ, уæддæр коронавирусæй рынчынтыл бонæй бонмæ æфты. Уый тыххæй Битарты Вячеслав районты æмæ ведомствоты разамонджытæм фæсидтис, цæмæй дарддæр хæццæ кæной коронавирусимæ тох æмæ цæст дарой, санитарон æдасдзинады домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Бæлвырддæр та цæмæй кæсой, æхсæнадон бынæтты, уæлдайдæр та зианты æмæ æндæр дзыллон мадзæлтты æнæ маскæйæ мачи цæуа. Уый тыххæй хъуамæ бæрнон адæймæгтæ кæной амонæн куыст адæмимæ. Республикæйы разамонæг фæсидтис, цæмæй министрадты разамонджытæ 15-æм октябрьмæ бацæттæ кæной ведомствоты бюджетты проекттæ, ныртæккæйы уавæр нымайгæйæ.

Æмбырды рæстæг дзырдтой хъармгæнæн объектты цæттæдзинадыл зымæгон афонмæ эпидемийы уавæрты. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Таматы Майран куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ объекттæн сæ 51 сты цæттæ. Битарты Вячеслав та фæсидтис Æппæтуæрæсеон адæмон фронты цæгатирыстойнаг хайады æххæстгæнæн комитеты сæрдар Гæлиты Климмæ, цæмæй сбæрæг кæна, коммуналон къабазз хъармгæнæн сезонмæ куыд цæттæ у, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania