филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:35 вторник, 03 ноября 2026
19 августа 2026, 10:30
Буроны тъунелы бындурон цалцæг бацыд йæ тæмæны

Куыстытæ фæнд кæнынц 2027-æм азы кæронмæ фæуын

Буроны тъунелы бындурон цалцæг бацыд йæ тæмæны. Куыстытæ фæнд кæнынц 2027-æм азы кæронмæ фæуын. Ныридæгæн специалисттæ систой фæндаджы зæронд уæлцъар. Проектмæ гæсгæ фæндаг сног кæндзысты æххæстæй, базилдзысты къахвæндæгтæм, цæмæй æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг адæмæн сæ бон æдасæй рацæуæн уа, уый тыххæй. Уымæй дарддæр баивдзысты электрон кусæнгæрзтæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Зæронд цъары демонтаж, рæстæгмæ фидаргæнæнты сагъд — куыстытæ цæуынц Буроны тъунелы. Цæмæй Транскамыл фæндаггон змæлд урæд ма *рцæуа, уый тыххæй йæ сарæзтой реверсивон фæткмæ гæсгæ. Фæхицæн æй кодтой, сæвæрдтой дзы фæндаггон нысантæ. Алы сменæйы дæр фæллой кæнынц 30-мæ хæстæг специалисты æмæ сæрмагонд техникæйы 12 иуæджы.

Буроны тъунелы дæргъ у 270 метрмæ хæстæг. Æрвылбон ыл аразт вæййынц 7 мины æмæ 500 хæдтулгæйы. Уыимæ, трассæйы ацы хай нымад у æппæты зындæр уаццагыл: тъунел цы бынаты арæзт у, уымæн ис бæрзонд сейсмикон активондзинад, йæ гидрогеологон уавæртæ дæр хуымæтæг не сты.

Куыстыты сæйраг хæс — тоннелы конструкци ныффидар кæнын, æддагон æндзæвдæй йæ бахъахъхъæнын. Скæндзысты йын ног хъæддых цæджындз, æмæ гидроизоляци. Конструкци хъуамæ бафæраза егъау хæххон æлхъывдад æмæ сейсмикон активондзинад 9 баллы онг. Хицæнæй æххæстгонгд цæуынц ламидæттæй хъахъхъæнæн куыстытæ. Уымæй уæлдай, сног кæндзысты фæндаджы уæлцъар, рацараздзысты эвакуацийæн хъæуæн тротуартæ.

Буроны тъунел — Транскавказы фæндаджы ахсджиаг хай.  Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон цы фæндаг бæтта, æндæр ахæм зæххон маршрут нæй. Уый тыххæй егъау куыстыты рæстæг дæр транспорт цæуы тъунелыл — радыгай дыууæрдæм дæр. Буроны объекты бындурон цалцæг фæуынвæнд кæнынц иннæ азы кæрон. Куыстытæ цæуынц национ проект «Инфраструктурæ цардæн» æххæстгæнгæйæ, «Иугонд Уæрæсе»-йы партион проекты æххуысæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania