филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:53 пятница, 03 мая 2024
04 октября 2022, 11:50
Бындурон цалцæджы фæстæ Дзæуджыхъæуы байгом 30-м рæвдауæндон

Ныридæгæн сæмбæлд йæ хъомылгæнинæгтыл

Бындурон цалцæджы фæстæ Дзæуджыхъæуы байгом 30-м рæвдауæндон. Ныридæгæн сæмбæлд йæ хъомылгæнинæгтыл. Ам цалцæггæнæн куыстытæм æнхъæлмæ кастысты 35 азы. Бæстыхай уыди тынг базилинаг. Ныр уавæр аивта, рæвдауæндон дзуапп дæтты æппæт домæнтæн. Баивтой дзы бæстыхайы сæр, электрон тыхдæттæн системæ, сантехникæ, агъуыстытæм базылдысты æххæстæй. Уæдæ йын йæ алыварс территори дæр сног кодтой, фæзынди дзы сæрмагонд уæлцъаримæ ног фæзтæ. Куыстытæн аргъ скодта Дзæуджыхъæуы администрацийы разамонæг  Милдзыхты Вячеслав, æмæ горæты сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сæлбиты Зитæ. Хатдзæгтæй  разыйæ баззадысты бæрнон кусджытæ дæр, ныййарджытæ дæр, стæй рæвдауæндоны коллектив дæр. Ацы аз цалцæггæнæн куыстытæ цыдысты горæты æхсæз скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндоны. Архайдтой муниципалон бюджеты фæрæзтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania