филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:54 понедельник, 06 мая 2024
06 сентября 2023, 11:13
Бындурон цалцæджы фæстæ Мæхческы байгом Малиты Геуæргийы номыл скъола

127 аздзыд ахуыргæнæндоны кадджын уазджыты хсæн уыдысты не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ

Нырыккон гæнæнтæ хæхбæсты цæрджытæн. Федералон программæты фæрцы Ирыстоны цы бирæ хорздзиндæтæ конд цæуы æмæ æрцыд, уыдон бæрæг дарынц алы къабазы дæр. Сæ иуыл бацин кодтой  Æрæфы районы Мæхческы цæрджытæ. Бындурон цалцæджы фæстæ дзы байгом Малиты Геуæргийы номыл скъола. 127 аздзыд ахуыргæнæндоны кадджын уазджыты хсæн уыдысты не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.

Гецаты Салават тынг æхсызгонæй ракуывта Мæхческы скъолайы байгом кæныны кадджын мадзалы. Малиты Геуæргийы номыл ахуыргæнæндоны бæстыхай капиталон æгъдауæй никуы уыд цалцæггонд,  бафæрæзта æнусон ивддзинæдтæн. Махческы цæрджытæм абоны цау аргъауау кæсы.

Ныртæккæ, скъолайы ахуыр кæны 22 сабийы, фыццæгæм къласæй æстæммæ. Ахуыргæнæндоны директоры ныхæстæм гæсгæ – алцæмæй дæр сты æххæст.

Мадзалы кадджын уазджыты хсæн уыд Æрæфы районы  администрацийы раздæры сæрдар, Цæгат Ирыстоны паддзахадон æлхæдтыты управленийы сæргълæууæг Лагкуты Омар. Уый раарфæ кодта фысымтæн сæ циндзинады фæдыл, стæй ракодта лæвæрттæ фыццагкъласонтæн республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй.

Лагкуты Омар стыр æвæрæн бахаста хæххон хъæуы скъолайы цалцæгмæ, абон цин кæны ныхæстæ хъуыддæгтæй царды кæй федта, ууыл.

Махческы скъолайы цалцæгыл удвæллой цы аразджытæ кодтой, уыдоны кустæй алчидæр баззад разыйæ. Хъуылцыты Николай йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй сывæллæтæ сты нæ фидæн æмæ уыдонимæ баст хъуыддæгты гадзрахатт митæ кæнæн нæй. Скъола байгом кæныны кадæн бæрæгбон се сфæлдыстадæй барæсугъд кодтой Цыколайы культурæйы галуаны кусджытæ.

Сырх лент алыг кæныны бар лæвæрд æрцыд Лагкуыты Омарæн. Сабитимæ бакъахдзæф кодта ахуыргæнæндоны кæртæй.

Стыр лæварау хохаг хъæуы у Точка Роста йы кабинет. Ныр сабиты Цыколамæ цæуын нæ хъæудзæн нырыккон гæнæнтæй пайда кæнынмæ. Чи зоны æмæ рæстæджы фæстæ , ацы аив къултæ ма сæхимæ æрбакæндзысты ноджы фылдæр сабиты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania