Уыцы куыстмæ цæст дарынц цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады æмæ Дзæджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ
Бырæттæфснайæг регионалон оператор «ЭРÆ» Цæгат Ирыстоны æрæвæрдзæн 900 ног контейнеры бырæттæ хицæнæй æмбырд кæнынæн. Уыцы куыстмæ цæст дарынц цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады æмæ Дзæджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ. Ног контейнерты уавæрмæ кæсдзæнис бырæттæфснайæг оператор. Ис сæ æвæрæн æрмæстдæр хус хауæддзæгтæ — пластик, æфсæйнаг, авг æмæ гæххæтт. Алы къоппыл дæр ис фыст æмбарынгæнæн информаци. Хъуыдыйаг у, бырæттæ хицæнæй æмбырд кæныны фæтк сындæгдæр кæй кæны бырæтты полигоны рæзт. Бафиппайдзыстæм уый дæр, æмæ нæ республикæ дыккаг хатт райста субсидитæ сæрмагонд контейнертæ балхæнынæн. Фæрæзтæ радих кодтой, национ проект «Экологи»-йы фæрцы.