Артаджы базарады уавæры тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур
Чи нæ къаддæр кæны, уыцы артаджы бæрц æвæстиаты службæтæн республикæйы 80% къаддæр нæ кæны. Артаджы базарады уавæры тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур. Цæгат Ирыстоны монополиты ныхмæ федералон службæимæ æмгуыстадæй карз цæстдард цæуы, цæмæй хи артаджы станцæты æргътæ хæрдмæ ма цæуой, уый тыххæй. Абон уынæм, адæм рады лæууынц, фæлæ артаджы хызы чи кусы, ахæм станцæты рад 30 минутæй фылдæр нæ вæййы. Ныхас цыди нæ республикæйы закъонхæлдтытыл дæр. Ивгъуыд къуыримæ хыгъд æрцыди 88 фæндаггон фыдбылызы, хъыгдард дзы баййæфтой 8 адæймаджы, 8-æй та бахаудтой рынчындæттæм. Аппаратон æмбырды цы фарстатыл цыди ныхас, уыдоны хсæн — Дзæуджыхъæуы аивдзинад. Горæты администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтæмæй доны былгæрæтты уаццæгты куыстытæ фесты 35% æмæ 90%.




