филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:02 пятница, 03 мая 2024
29 марта 2024, 12:42
Чырыстон дины дæсгай уырнæг адæмæн фадат уыд паддзах Никъала дыккаджы дисæфтауæг дзуарынывты хыгъдыл андзæвынæн

Æрбаластой сæ Беслæны мемориалон фыццæгæм скъоламæ

Чырыстон дины дæсгай уырнæг адæмæн фадат уыд паддзах Никъала дыккаджы дисæфтауæг дзуарынывты хыгъдыл андзæвынæн. Æрбаластой сæ Беслæны мемориалон фыццæгæм скъоламæ. Уыцы куыст сæххæст кодтой, Хуссар  Ирыстонæй дзуæртты нывтимæ цыды программæмæ гæсгæ.  2004-æм азы террористтæ амынттæ цы спортивон залы бакодтой, уым ацыд хуыцауы номыл аргъуыд. Паддзах Никъала дыккæгæмы уазныв фæстаг 20 азмæ æрзылди мингай километрты сæрты. Йæ фæндаг райдыдта Екатеринбургæй. Сыгъдæг сурæтыл андæзвыны фадат ныридæгæн уыд Уæллаг Бирæгъзæнджы диссæгтæаразæг Николайы номыл аргъуаны æмæ Дзæуджыхъæуы аргъуанты. Меценат Сергей Алиев куыд загъта, афтæмæй нæ бæстæйы уырнæг адæм бæллынц сыгъдæг æмæ диссæгтæаразæг сурæттыл андæзвынмæ. Беслæны фæстæ дзуæрттимæ цыд абалц кодта Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ хæстæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania