филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:01 пятница, 03 мая 2024
19 марта 2024, 12:07
Чырыстон диныл хæст адæмæн райдыдта Комдарæн

Нысан кæны æрмæст бæлвырд хæринæгтæй хиуыл хæцын нæ

Чырыстон диныл хæст адæмæн райдыдта Комдарæн. Нысан кæны æрмæст бæлвырд хæринæгтæй хиуыл хæцын нæ. Комдарæны рæстæг адæм фæкувынц Хуыцаумæ, æппæт хъуыдытæ хъуамæ уой сыгъдæг. Ацы къуырийы дæргъы республикæйы аргъуанты уыдзæн сæрмагонд аргъуыдтæ. Комдарæн ахæсдзæн Куадзæнмæ. Ацы аз æй бæрæг кæндзысты 5-æм майы. Чырыстон аргъуаны 4 дæргъвæтин комдарæнæй, Стыр у æппæтæй сæйрагдæр æмæ карздæр. Йæ рæстæджы хъæуы хорз хъуыддæгтæ æххæст кæнын, хæрзаудæн куыст кæнын, рынчынты бæрæг кæнын. Комдарæны нысан у, фыццаджыдæр, уды сыгъдæгдзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania