филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:36 четверг, 02 мая 2024
03 февраля 2022, 14:09
Дауны сондромæй рынчын сывæллæттæн сæ бон уыдзæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты бассейнмæ цæуын

Фарстамæ æркастысты, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы домæнмæ гæсгæ, ныййарджытæй йæм хъæстытæ цæуын куы райдыдтой, уый фæстæ

Дауны сондромæй рынчын сывæллæттæн сæ бон уыдзæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты бассейнмæ цæуын. Уый тыххæй уынаффæ хаст æрцыд ацы бонты. Фарстамæ æркастысты, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы домæнмæ гæсгæ, ныййарджытæй йæм хъæстытæ цæуын куы райдыдтой, уый фæстæ. Дзæуджыхъæуы фитнес-центртæй иуы бассейнмæ сæ нæ бауагътой, зæгъгæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй иу боны фарста нæ уыди. Гуытъиаты Алинæйæн ныхасы бар.

Багаты Юлианӕйыл цӕуы 15 азы. Ахуыр кӕны 9 къласы ӕмӕ зӕрдиагӕй цӕуы ленк кӕнынмӕ. Фондз азы йыл куы сӕххӕст, уӕд чызг йӕхи бафӕлвӕрста спорты уыцы хуызы ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ къухы бафтыд хорз ӕнтыстдзинӕдтӕ.

хъуыддаг цӕмӕй сырӕза, ууыл тынг бацархайдта чызджы мад Велтӕ. Уый дӕс азы дӕргъы тох кодта ӕхсӕнады ахастимӕ, ӕмбарын сын кодта, Юлианӕ дӕр иннӕты хуызӕн кӕй у, уый.

Найӕн ифтонгарзимӕ хызын Юлианӕ кӕдфӕндыдӕр дары цӕттӕйӕ. Фӕлӕ дзы кӕм спайда кӕна, ахӕм бынат нӕй. Уӕдӕ Хъазанмӕ дӕр ӕрыгон спортсментӕ нал ацӕудзысты. 15 аздзыд Къоблаты Артур дӕр архайдта профессионалон спорты ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст уыцы ерыстӕм.

Инстаграмы уыцы цауы тыххӕй куы ныффыстой, уӕд фитнес-центры разамынды бафӕндыд фембӕлын ныййарджытимӕ. Уӕд клубы минӕвӕрттӕ хатыр ракуырдтой ӕмӕ бамбарын кодтой, афтӕ цӕмӕн рауад, уый.

Фӕлӕ тьютор кӕм ссарой, кӕд ӕмӕ дохтырты къамисы хатдзӕгмӕ гӕсгӕ сывӕллоны ахӕм специалист нӕ хъӕуы, уӕд? Куыстуаты минӕвары бон хаттӕн нӕ вӕййы раиртасын адӕймаджы гӕнӕнтӕ.

Куыд фӕстӕдӕр, афтӕ бафидыдтой, фӕлӕ Артуры мад Вероникӕйӕн уымӕй ӕнцондӕр нӕу. Ацы фидар сылгоймӕгтӕ тох кӕнынц сӕ сывӕллӕты бартыл ӕмӕ уыцы хӕстӕн нырма кӕрон нӕма ис.

Уавӕрмӕ йе ргом Сергей Меняйло куы раздӕхта, уӕд Котайты Альбинӕйы ӕрхуыдтой ЦИПУ-мӕ, фембӕлдмӕ.

Тренировкӕтӕ рвйдайдзысты мартъийы. Уый у ахадгӕ къахдзӕф рынчын сывӕллӕтты социализацимӕ. Дарддӕр та араздзысты ног мадзӕлттӕ, цӕмӕй инвалидтӕ сӕхи ӕхсӕнады хорз ӕнкъарой, уымӕн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania