Йæ фарсмæ цы дондзæуæн арæзт ис, уырдыгæй дон раивылд
Дигора æмæ Цыколайы астæу фæндаджы иу хай хъыгдард баййæфта къæвдатæй. Йæ фарсмæ цы дондзæуæн арæзт ис, уырдыгæй дон раивылд. Фæндаггон змæлд урæд æрцыд цалдæр сахатмæ. Æрдзон фæзынды фæстиуджытæ аиуварс кæныныл архайынц специалисттæ. Куыстыты цыд фенынмæ ацыд республикæйы Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Атарты Георгий. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Техникон фæрæзты уынæр дардмæ хъуысы. Специалисттæ сыгъдæг кæнынц фæндаг Дигора-Цыколайы хай. Хъыгдард баййæфта тыхджын къæвдатæй. Ацæуыны бар ыл нæ уыд цалдæр сахаты бæрц. 20-æм майы тыхджын къæвдаты фæстæ дон раивылд. Фæндаггон змæлд урæд æрцыд. Хъыгдард баййæфта фæндаджы уæлцъар. Дон ракалд быдыртæм дæр. Æрдзон фæзынд ахæм знаггад фыццаг хатт не *рхаста. Кусджытæ дыккаг бон сыгъдæг кæнынц фæндаг, дон йемæ цы бырæттæ рахаста, уыдонæй. Уавæр йæхæдæг федта Республикæйы Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Атраты Георгий.
Атарты Георгий куыд фæбæлвырд кодта, афтæмæй куыстытæм бавналдзысты ацы аз. Къæвдатæ дæргъвæтин рæстæг кæй уарыдысты, уый аххосæй цæугæдон Садонкæйы доны æмвæзад зынгæ фæбæрзонд, сæвзæрд тæссаг уавæр йæ раивылынæй – цалдæр раны ракалд. Специалисттæ архайынц былгæрæттæ фидар кæныныл. Бетонæй блоктæ дон хъуамæ ма рауадзой, афтæмæй хъахъхъæд æрцæудзæн фæндаджы уæлцъар.
2002-æм азы Садонкæ куы раивылд, уæд знаггад æрхаста Садон æмæ Галонæн. Уæд бахъуыд адæмы сæ хæдзæрттæй ракæнын. Бирæ хæдзæртты уæдæй нырмæ цæрæг нæй. Цæмæй та ахæм уавæр ногæй ма сæвзæра, уый тыххæй профилон службæтæ кусынц æвæллайгæйæ.
Синоптикты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы къæвдатæ уардзысты ацы къуырийы кæронмæ.




