филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:20 воскресенье, 19 мая 2024
08 мая 2024, 11:49
Дигора суазæг кодта армрестлингæй республикон турниры архайджыты

Цæгат Ирыстонæй 100 адæймагæй фылдæр ерыс кодтой Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы кубок рамбулыныл

Дигора суазæг кодта армрестлингæй республикон турниры архайджыты. Цæгат Ирыстонæй 100 адæймагæй фылдæр ерыс кодтой Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы кубок рамбулыныл. Командон хыгъды 1-аг бынат бацахстой Дур-Дуры минæвæрттæ, 2 – Дзæуджыхъæу, 3-аг бынаты аккаг та сси бынæттон командæ. Уымæй дарддæр ма архайдтой дыууæ хицæн кубокы рамбулыныл дæр. Гуæздæрты Аминæйæн лæвæрд æрцыд «Уæлахизмæ тырындзинады» тыххæй хæрзиуæг. Хъарадзауты Давидæн та «Хуыздæр техникæйы» тыххæй. Ерыстæ саразджытæ сты Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархи, Дыгуры районы администраци, армрестлингы республикон федераци æмæ чырыстон дины фонд «Дзæнгæрæг».

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania