Сбæрæг дзы кодтой, 55 азы размæ Польшæйы хæххон фольклоры фестивалæй ансамбль «Кафт» цы уæлахиз æрхаста, уыцы цау
Дигорай культурон райрæзты Центры арæзт æрцыд кадджын мадзал. Сбæрæг дзы кодтой, 55 азы размæ Польшæйы хæххон фольклоры фестивалæй ансамбль «Кафт» цы уæлахиз æрхаста, уыцы цау. Культурон мадзалы кадджын уазджытæ уыдысты ансамблы, уыцы рæстæджы, уæнгтæ. Лæмбынæгдæр амалы цыдыл рафæлгæст нæ дарддæры æрмæджы.
Дыгуры районы адæмон кафты ансамблы уæнгтæ Урыймæгты Руслан æмæ Цъебойты Таисæ, 55 азмæ нæ ферох кодтой сæ кæфтыты фæзилæнтæ. Уæдæ сæ удтæй та уыцы рæстæг иу уысм дæр нæма ахицæн. Сæ зæрдыл лæууынц Польшæмæ сæ куыд цæттæ кодтой уыцы хъуыддæгтæ. Золойты Беллæ, кæд фæндырдзæгъдæг уыд, уæддæр æй бафтыдтой кафджыты къордыл. Хорз хъуыды кæны, уыцы рæстæг.
æппæтадæмон фестивалы ансамбль «Кафт»-ы уæлахиз уыд стыр æнтыстдзинад. Уыимæ канд Дыгуры районæн нæ, фæлæ Ирыстонæн æмæ æнæхъæн бæстæйæн дæр. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ уæд фестивалы архайдтой 19 паддзахады минæвæрттæ.
Кафты минæвæрттæн раарфæ кодта республикæйы Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз, Дыгуры районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Хохойты Валерий, национ политикæйы æмæ æддагон бастдзинæдты министрады хайады хицау Цыбырты Аллæ, стæй республики сылгоймæгты советы номæй — Хъодзасты Валентинæ, Дигорайы депутатты æмбырды номæй Гуыцаты Олег æмæ Дзотты Азæ. Се ‘ппæт дæр радзырдтой, кафты ацы къорд цы сгуыхтдзинадтæ равдыстæ, уымæй куыд сæрбæрзонд сты фæлтæртæ. Уыимæ ма сын саккаг кодтой сæрмагонд кады æмæ арфæйы гæххæттæ.
Парламенты кады гæххæттæ лæвæрд æрцыд Золойты Беллæ æмæ Къорнаты Розæйæн, Дигорайы кадджын гражданины ном та, радтой Сæбанты Еленæйæн.
Амалы æрымысыдысты «Кафт»-ы уæнгтæй абонмæ чи нал фæцард, уыдоны рухс нæмттæ.
Кафты уæнгтыл сæмбалд Хуссар Ирыстонæй арфы фыстæг. Уым дæр ис кафты ансамбль «Кафт».
Юбилейон амал саразынмæ стыр æвæрæн бахæссæг республикæйы сылгоймæгты советы сæргълæууæджы хæдивæг, Дигорайы кадджын гражданин Такъæты Ольгæ зæрдиагæй раарфæ кодта æппæт æрбацæуджытæн, стæй » Кафт» — ы уæнгтæн балæвæар кодта , йæхи номæй, зæрдылдарæн лæвæрттæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ – цалынмæ истори фæлтæртæм лæвæрд цæуа, уæдмæ цæрдзæни сæ ансамблы ном, уыимæ та 1971-æм азы Советон Цæдесы кад Польшæйы цы сæрбарзондæй равдыстой, уыцы цау. Мадзалы архайджытæн ма фадат фæци, уыцы фестивалы цыдæй скъуыддзæгмæ бакæсын.
Мадзал бацæттæ кодтой Дыгуры районы хицауад æма Дыгуры районы культурæйы управленийы минæвæрттæ, йæ разамонæг Бæгæмæтты Наталья æмæ Ирыстоны сгуыхт артист Езеты Игорь та, сæ аив ныхасæй фæхæстæгдæр кодтой амалы мидис ,æппæт уазджытæм дæр.




