филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:54 понедельник, 02 ноября 2026
17 октября 2026, 10:33
Мæздæджы куырмыты æхсæнады арæзт æрцыд æрвылазон традицион турнир шашкæтæй

Сылгоймæгтæ æмæ нæдлгоймæгтæ сæхи фæлвæрдтой сæ уарзон хъазты

Мæздæджы куырмыты æхсæнады арæзт æрцыд æрвылазон традицион турнир шашкæтæй. Сылгоймæгтæ æмæ нæдлгоймæгтæ сæхи фæлвæрдтой сæ уарзон хъазты. Сæ фарс рахæцынмæ та æрбацыдысты се мбæлттæ, зонгæтæ æмæ хæстæджытæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ шашкæтæ хорзырдæм ахадынц адæймаджы психологон эмоционалон уавæрыл, стæй ма æххуыс кæнынц логикон хъуыдыкæнынадæн. Куырмыты æхсæнады уæнгтæ равдыстой иттæг хорз цæттæдзинад. Афтæмæй сбæрæг кодтой уæлахиздзауты дæр. Хуыздæр спортсментæн æмæ ерысты архайджытæн раарфæ кодта Мæздæджы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Людмила Пугачева. Се ппæтæн дæр ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania