филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:24 пятница, 03 мая 2024
31 октября 2023, 11:54
Дигорайы уыд Гусаты Георгийы номыл шахмæттæй республикон турнир

Сывæллæтты патриотон хъомыладæн æмæ сæ зондахаст фидардæр кæнынæн пайдайаг мадзал

Сывæллæтты патриотон хъомыладæн æмæ сæ зондахаст фидардæр кæнынæн пайдайаг мадзал. Дигорайы уыд Гусаты Георгийы номыл шахмæттæй республикон турнир. Спортивон мадзалæн æвдисæн уыд Сосранты Жаннæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Иу фембæлд, иннæмæй зæрдиагдæр. Дигорайы культурæйы хæдзары арæзт æрцыд радон мадзал. Гусаты Георгийы номыл шахмæттæй республикон  турнир. Бацархайдтой дзы  республикæйы цыппар районы авд скъолайы минæвæрттæ. Иу хатт йæм чи æрбацæуы, уый фенхъæлмæ кæсы иннæ азы ерыстæм.

Цогойты Анжеликæ турнирмæ æрбацыд  Красногоры хъæуæй.  Шахмæттæй хъазын йæ зæрдæмæ хæстæг у. Фæархайы алы æмвæзады ерысты. Куыд зæгъы , афтæмæй шахмæттæ тынг ахсджиаг сты сабийы зондахаст фидардæр кæнынæн.

Сывæллæтты æнкъарæнтæ æмбаргæйæ, республикон ерыстæ саразæг, патриотон клуб «Фыдыбæстæ»-йы сæргълæууæг Хъарданты Тимур архайы арæхдæр сын  æхæм  фембæлдыдтæ аразыныл.

Ацы мадзалы чи  бацархайдта, уыдон иууылдæр хорзæхгонд æрцыдысты арфæйы гæххæттытæй, уæлахиздзаутæн та радтой кады гæххæттæ, майдантæ, зæрдылдарæн лæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania