филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:02 воскресенье, 19 мая 2024
15 марта 2022, 12:30
Донбассæй Ирыстонмæ цы сывæллæттæ ссыдысты, уыдоны ахуыдтой театр «Саби»-мæ

Равдыстой сын спектакль «Курага бæлас»

Фæстаг рæстæг Донбассы цы уавæр сæвзæрд, уымæй кæстæрты ргом аздахыны хæс сæ размæ сæвæрдтой нæ республикæйы театралон Цæдисы минæвæрттæ. Донбассæй Ирыстонмæ цы сывæллæттæ ссыдысты, уыдоны ахуыдтой театр «Саби»-мæ. Равдыстой сын спектакль «Курага бæлас». Æвæрын æй райдыдтой 2020-æм азы, пандемийæ йæ тæккæ карзæй куы уыди, уæд, фæлæ йæ аивадуарзджыты размæ рахастой нырма ныр. Гыццыл уазджытæ йын цы аргъ скодтой, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Сывæллæтты театрæй зæлы сабиты худын. Быдзæу Афоняйы размæ хуымæтæг хæс æвæрд нæй. Хъуамæ сывæллæтты зæрдæтæ барухс кæна, уый иу, фæлæ цавæр сывæллæтты? Донецкæй кæй сластой, уыдоны. Гоппузты Григорий Донбассы сывæллæтты зæрдæтæ хъæлдзæг зæрдæйы ахастæй фыццаг хатт нæ дзæбæх кæны. Хæрзаудæн акцитимæ 2019-æм азы  бабæрæг кодта Донецкы æмæ Луганскы республикæтæ. Ныр та æвзонг аивадуарзджытыл сæмбæлд Дзæуджыхъæуы.

Хъазæн æмæ худæн фембæлды фæстæ райдыдта цымыдисаг спектакль. Алæмæты курагайы апп, зæрдæхæлар адæймаджы къухы свæййы диссæгтæаразæг æмæ адæмы зæрдæты фæтауы хæлар ахастдзинæдтæ. Актертæн дæр ацы фембæлд хуымæтæг нæ уыди. Сæхиуыл æнкъардтой уæлдай бæрнондзинад. Бацархайдтой, адæймаджы сыгъдæг удыхъæды миниуджытæ чъынды æмæ мæнгарддзинадæй сæйрагдæр кæй сты, уый равдисыныл.

«Курага бæлас» у «Саби»-йы премьерон спектакльтæй иу. Æвæрын æй райдыдтой 2020-æм азы пандемийæ йæ тæккæ карзæй куы уыди, уæд, фæлæ йæ аивадуарзджыты размæ рахастой нырма ныр.

Сывæллæтты зæрдæты спектакль афр бынат кæй бацахста, уый бæрæг уыд. Сæхæдæгдæр архайдтой хъайтартæн баххуыс кæныныл.

Фæстаг рæстæг сæ райгуырæн зæххыл цы уавæр сæвзæрд, уымæй сабиты æргом аздахыны хæс сæ размæ сæвæрдтой республикæйы театралон Цæдисы минæвæрттæ. Донбассæй Ирыстонмæ адæм ссыди мартъийы райдиан. Фыццаг хатт бабæрæг кодтой театр «Саби», фæлæ мадзал аразджытæ куыд загътой, афтæмæй фæстаг нæу.

Куыд алы аргъауæн, афтæ амæн дæр амондджын кæрон. Курага бæлæсты цадæй зæрдæ райы. Йæ хæрзад дыргътæй феныны фадат ис алкæмæн дæр. Ацы сабиты уырны кæдфæнды дæр хорзхъуыддæгтæ кæй фæуæлахиз вæййынц, уый. Уыимæ та сæ уырны, тагъд рæстæджы сæ хæдзæрттыл кæй сæмбæлдзысты, уый дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania