филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:10 вторник, 30 апреля 2024
25 марта 2021, 13:40
Донивылдтыты афонмæ бирæ рæстæг нал баззад

Уымæ гæсгæ ахсджиаг у, æрдзы хивæнд митæм цæттæ уæвын

Донивылдтыты афонмæ бирæ рæстæг нал баззад. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у, æрдзы хивæнд митæм цæттæ уæвын. Специалисттæ æмæ ирвæзынгæнджытæ сæ зæрдыл дарынц ивгъуыд азты фæлтæрддзинад, цæмæй, куыд гæнæн ис, афтæ ахадгæдæр спайда кæной сæ профессионалон зонындзинæдтæй. Куыд цæттæ кæнынц Цæгат Ирыстоны донивылдтыты рæстæгмæ, уый базоныныл бацархайдта нæ уацхæссæг Гæджиты Сослан, æмæ йын ныхасы бар.

Метеослужбæйы минæвар Сергей Неменущий доны æмвæзады тыххæй зоны алцыдæр. Йæ специализаци у гидрологи æмæ гляциологийы къабæзты. Уыдон ахуыр кæнынц, цъититæ куыд тайынц æмæ цæугæдæттæ æрдзон уавæртæм гæсгæ сæхи куыд дарынц, уый.
Фæткмæ гæсгæ доны æмвæзад фæбарынц суткмæ дыууæ хатты. Фæлæ боныхъæд æвзæрырдæм ивынмæ куы фæхъавы, уæд та фылдæр хатт, иуæй-иу хатт та алы дыууæ сахаты дæр. Рæстæмбис æмвæзадыл нымад у 12 сантиметры балтийаг системæмæ гæсгæ. Бирæ азты цæстдарæн куысты фæрцы, æнцон базонæн ис, уавæр тæссаг куы свæййы, уæд. Доны æмвæзад сбарынæн спайда кæнынц гидрологон кусæнгæрзтæй. Фæстаг хатт ацы бынаты цæугæдоны æмвæзад къуырцдзæвæнмæ схызт 5 азы размæ. Уымæ гæсгæ хаст æрцыд уынаффæ цæстдарæн пункт ацы ран сæвæрынын тыххæй, цæмæй уавæрмæ кæсой лæмбынæгдæр. Æдæппæтæй Цæгат Ирыстоны ис 15 стационарон гидропосты. Сæ иу – Буроны.
Сезонмæ гæсгæ донивылдтытæм цæттæ уæвын – уый иу, иннæмæй та хъуамæ фадат уа доны æмвæзад нывыл кæнын. Уый та бантысы, сæрмагонд мадзæлттæ æххæст кæнгæйæ. Фыццаджыдæр ныккалынц хуыр. Ныртæккæ ахæм куыст кæнын у ахсджиаг, зæгъынц Суададжы. Уымæн æмæ июны донивылдтыты рæстæг цæугæдон вæййы гуылфаг. Ацы районы æнæмæнг хъæуынц дамбæтæ. 2014-æм азы федералон фæрæзтæй сæ къухы бафтыд цæугæдоны рахиз фарс сфидар кæнын. Баззад ма сын галиу фарсмæ базилын. Цæмæй та фароны хуызæн æрдзон фыдбылызтæ ма рцæуой, уый тыххæй.
Проект æмæ сметæ ныридæгæн конд æрцыдысты. Фæлæ куыстытæ кæд райдадйзысты, уый нырма бæрæг нæу. Уымæ гæсгæ сæ зæрдæ дарынц паддзахадон программæйыл æмæ федералон фæрæзтыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania