Ацы æмæ æндæр фарстатыл бакусын Сергей Меняйло бадомдта æрвылкъуырион аппаратон æмбырды
Донивылдтыты рæстæг регионы гидрологон уавæрмæ бæстон цæст дарын, доны æмвæзад барын, доны былгæрæттæ фидардæр кæнын æмæ æнæнхъæлæджы уавæртæм цæттæ уæвын. Ацы æмæ æндæр фарстатыл бакусын Сергей Меняйло бадомдта æрвылкъуырион аппаратон æмбырды. Республикæйы сæргълæууæг профилон ведомствæтæн бахæс кодта донвæдтæ ныссыгъдæг кæнын, цæмæй донивылдтытæм ма расайой. Сæйраг хæс — адæмы æдасдзинад. Сергей Меняйло бæхæс кодта Южныйы поселочы уавæрмæ æркæсын, уым дæр тæссаг у донивылдæй. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрады размæ сæвæрдта хæс — къæвдаты дæттæ кæдæм цæуынц, уыцы канализацитæ ссыгъдæг кæнын. Ныхас цыди æндæр фарстатыл дæр. Афтæ, Цæгат Ирыстоны мин 2 сæдæ машинæйы сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц арæнты сæрты ахизынмæ. Электрон рады — 1526 машинæйы. Республикæйы эпидемиологон уавæр у рæстæмбис. Регионы сæйраг санитарон дохтыр куыд зæгъы, афтæмæй бæрæггонд цæуы нуазыны доны хæрзхъæддзинад. Ацы къуыри райдайдзæн Фыййагдоны республикон пульмонологон центры рацарæзт. Уымæй уæлдай, республикæйы 24 скъолайы райдыдтæ бындурон цалцæг. Ацы хъуыддагæн дихгонд æрцыди 1 миллиард 300 мин сомы. Скъолаты æнтыстджынæй кусынц уалдзыгон лагертæ. Фæнд кæнынц 7 мины 5 сæдæ сывæллоныл аххæссын, кусынц кванториумтимæ, цæмæй рæзгæ фæлтæрæн уа цымыдисдæр.




