филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:59 суббота, 04 мая 2024
02 февраля 2024, 12:02
Доны былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытыл æмæ цæугæдæттæ сыгъдæг кæныныл ныхас цыд, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды

Куыд ма уын æй хъусын кодтам, афтæмæй республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Мæскуыйы фембæлд доны æвæрæнты Федералон агентады разамонæг Дмитрий Кирилловимæ

Цæгат Ирыстоны территорийы доны былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытыл æмæ цæугæдæттæ сыгъдæг кæныныл ныхас цыд, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Куыд ма уын æй хъусын кодтам, афтæмæй республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Мæскуыйы фембæлд доны æвæрæнты Федералон агентады разамонæг Дмитрий Кирилловимæ. Уыцы фембæлды хаст æрцыд уынаффæ федералон ведомствоимæ æнгом æмгуыстады тыххæй. Нæ сæйраг хæс у æппæт объектты тыххæй дæр æмбæлгæ гæххæттытæ бацæттæ кæнын, æмæ сæ бæрнон федералон ведомствотæм арвитын. Фылдæр хъæуы федералон программæты архайын. Аразын алцыдæр, цæмæй республикæйы цæрджыты уавæртæ хуыздæр кæной, уый тыххæй. Бæлвырддæр та, донивылдтытæй тæссаг кæм у, уыцы хъæутæм базилын. Цæгат Ирыстоны экологийы æмæ æрдзон æвæрæнты министр Бæззаты Вадимы ныхæстæм гæсгæ, ацы аз бындурон цалцæггонд фæуыдзысты Терчыдоны рахизфарсы былгæрæттæ фидаргæнæн конструкцитæ. Афтæмæй  бахъахъхъæнындзысты Беслæн. Сцалцæг дзы кæндзысты 1 километр æмæ 300 метры уаццаг, æмæ райдайдзысты Бехъаны цады дамбæ аразын. Уымæй дарддæр бындурон куыстытæ дарддæр цæудзысты Æрыдоны цæугæдоны галиу фарсы дæр. Сыгъдæг кæндзысты Фыййагдоны æмæ Урсдоны цæугæдæттæ дæр. Ивгъуыд аз ныссыгъдæг кодтой Южныйы, Дæллаг Ларсы, Хъæдгæроны, Мичуриныхъæуы, Суададжы, Николавескæйы станицæйы цæугæдæтты донвæдтæ. Нысанты ма Дзуарыхъæуы, Суададжы æмæ Ногхъæуы доны былгæрæттæ сфидар кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania