20 января 2023, 12:13
Доныскъæфæнты мадзæлттæ нæ республикæйы ацыдысты æнæ фыдбылызтæй æмæ æнæнхъæлæджы цаутæй
æрæгбоны цæугæдæтты сæхи чи цынадта, уыдоны æдасдзинадмæ цæст дардтой 100 ирвæзынгæнæджы
Доныскъæфæнты мадзæлттæ нæ республикæйы ацыдысты æнæ фыдбылызтæй æмæ æнæнхъæлæджы цаутæй. Бæрæгбоны цæугæдæтты сæхи чи цынадта, уыдоны æдасдзинадмæ цæст дардтой 100 ирвæзынгæнæджы — хъусын кæны æнæнхъæлæджы цауты министрады пресс-службæ. Знон адæм цыдысты аргъуантæм, сæхи фæдзæхстой Хуыцауыл æмæ истой дзуарæвæрд дон. Уыцы сыгъдæггонд донмæ ис бирæ хорз миниуджытæ. Адæмы дзæбæх кæны алы низтæй, ирвæзын сæ кæны сæ тыхст уавæрæй. Æрвылазон традицимæ гæсгæ рæсугъд бæрæгбон арæзт æрцыд Хохы Санибайы аргъуаны. Доныскъæфæнтæм уым цы найæн бынат бацæттæ кодтой, уый нæ бæстæйы нымад у æппæты бæрзонддæрыл. Бирæты бафæндыд Хуыцауы арфæ ацы ран райсын.
темæмæ гæсгæ