филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:17 пятница, 17 мая 2024
02 августа 2022, 10:25
ДОСААФ-ы аэродромы арæзт æрцыдысты парашютон спортæй ерыстæ

Турнир сбастой уæлдæфон-десантон æфсæдты бонимæ

ДОСААФ-ы аэродромы арæзт æрцыдысты парашютон спортæй ерыстæ. Турнир сбастой уæлдæфон-десантон æфсæдты бонимæ. Бæрæг æй кæнынц абон – 2-æм августы. Ерысты архайдтой 12 парашютисты Цæгат Ирыстонæй, Кæсæг-Балхъарæй æмæ Стъараполæй. Алчидæр сæ æппын къаддæр 4 гæппы сæххæст кодта, алы фæлтæрæнæн дæр лæвæрдтой баллтæ. Уæлахиздзауы бæрæг кодтой иумæйаг баллтæм гæсгæ. Ерыстæ арæзт æрцыдысты Нартыхъты Давиды номыл. Уый фæмард Донецкы сæрмагонд операцийы рæстæг йе фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania