филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:17 понедельник, 06 мая 2024
13 апреля 2022, 13:13
ДОСААФ-ы аэроклубы цæуынц парашютистты æмбырдтæ

Бæстæйы алы регионтæй спортсментæ æфтауынц сæ фæлтæрддзинадыл, æвдисынц сæ цæттæдзинад æмæ дæттынц нормативтæ

ДОСААФ-ы аэроклубы цæуынц парашютистты æмбырдтæ. Бæстæйы алы регионтæй спортсментæ æфтауынц сæ фæлтæрддзинадыл, æвдисынц сæ цæттæдзинад æмæ дæттынц нормативтæ. Тренировкæтæн æвдисæн уыди не сфæлдыстадон къорд дæр, æмæ ныхасы бар Гæджиты Сосланæн.

Евгений Хомяков парашютимæ æргæпп кодта ныр сæдæ æртын æвдæм хатт. Спортсмен-экстремал у Санкт-Петербургæй. Уæларвон тыгъдад банкърадта Уæрæсейы бирæ регионты сæрмæ. Ныр стахти Ирыстонмæ.

Валентина Вольф та, зæгъæн ис, æмæ у юбиляр. Баззадис ма йын 4 хатты рагæпп кæнын парашютимæ, æмæ уæд скæндзæн йæхи рекорд. Дыууæ сæдæ хатты банкъардзæн парашютимæ гæпп кæныны æууæлтæ.

Æмбырдты бирæ архайджытæ сæхæдæг сты парашютимæ гæпп кæныны инструктортæ. Спорты ацы хуызы æрæджы чи райдыдта архайын, ахæмтæ дзы нæй. Ахæм æмвæзады æмбырдты вæййынц æрмæстдæр фæлтæрдджын спортсментæ. Ис дзы ахæмтæ, мин хаттæй фылдæр чи бафæлвæрдта йæ арæхстдзинад уæлæрвты. Архайджыты географи у тынг парахат. Ирыстонмæ ссыдысты Уæрæсейы алы къуымты минæвæрттæ. Парашютистты клубы уæнг суæвын фæнды бирæты. Фæлæ, уый размæ парашютимæ æнæмæнг хъуамæ рагæпп кæна æппынкъаддæр  æртæ хатты, аст сæдæ метры бæрзæндæй.

Уæрæсейы бирæ аэроклубтæ ныртæккæ æййафынц зындзинæдтæ. Дзæуджыхъæуккаг объект ис, æнтыстджынæй чи кусы, уыцы стæм аэроклубты хыгъды. Тагъд дзы райдайдзысты Уæрæсейы иугонд командæйы æбырдтæ.

Парашютимæй æргæпп кæнын у милуангай адæмты бæллиц. Спорты ацы хуыз йæхимæ лвасы алы кары минæвæртты. Фæлæ алы гæпп дæр у тæссаг, уымæ гæсгæ, æнæ æмбæлгæ цæттæдзинадæй ахæм санчъех акæнæн нæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania