Сæ иу кæны нывтæ, иннæ та фыссы æмдзæвгæтæ
Дыууæ курдиатджын хойы авторон равдыст байгом Дзæуджыхъæуы. Сæ иу кæны нывтæ, иннæ та фыссы æмдзæвгæтæ. Экспозици хъуамæ абалц кæна иннæ горæттæм дæр. Хоты бæллиц сæххæст кæнынæн баххуыс кодта Цæгат Ирыстоны сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты Ассоциацийы сæрдар Магкæты Олег. Равдыст федта не сфæлдыстадон къорд. Ныхасы бар Чехойты Фатимæйæн.
Сырх-сырхид дарæс кæуыл ис, уыцы чызджытæ сты Кларæ æмæ Евæ. Се *нæниздзинад хъыгдард кæй у, уый сæ нæ къыулымпы кæны адæммæ хъæлдзæгзæрдæ дарын æмæ сфæлдыстадон куыст кæнын. Кларæ фыссы нывтæ. Фыццаджыдæр æй уыцы архайд бахъуыдис йе *нæниздзинад фидар кæнынæн, фæлæ йын уайтагъд сси уарзон куыст.
Кларæ у хъæздыг миддунейы хицау. Пейзажтæ, натюрморттæ, портреттæ — йæ алы куысты дæр бавæры йæ уды хъарм. Чызджы ныхæстæм гæсгæ, сфæлдыстадмæ уарзондзинад йæ зæрдæйы бонæй бон тыхджындæр кæны йæ хиуæтты руаджы.
Чызджыты зæрдæтæ — æнæкæрон дуне. Кларæ йæ раргом кæны нывгæнгæйæ, Евæ та — æмдзæвгæтæ фыссгæйæ. Чызджыты мад Гатыккоты Марияйы ныхæстæм гæсгæ, Евæ у фæлмæнзæрдæ, арæх аныгъуылы хъуыдыты. Фыссы цардыл æмæ уарзондзинадыл.
Йе *мдзæвгæтæ бакæсын Евæйæн йæ бон нæу. Уыцы бар æрхауы Кларæмæ — хойæ хуыздæр чызджы *нкъарæнтæ чи равдисдзæн?
Адæмы се сфæлдыстадимæ базонгæ кæнын уыдис чызджыты бæллиц. Архайдтой, æрвылаз Пятигорскы регионты *хсæн акци «Особые люди для особенных людей»-ы фæлгæты цы инклюзивон бал арæзт æрцыдис, уым. Йæ нысанмæ гæсгæ сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ æххæст кæнынц инвалид сывæллæтты бæллицтæ. Кларæ æмæ Евæйы фæнд — равдыст саразын — бантыст Цæгат Ирыстоны сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты сæрдар Магкæты Оледжы руаджы.
Чызджыты мидбылхудт у, ацы проект сæйрагдæр цæмæн арæзт æрцыд, уый. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ баххуыс кодтой иннæ инвалид сывæллæттæн дæр. Уыдонæй чидæр абалц кодта дельфинаримæ, кæмæндæр та бантыст бæхыл абадын. Проекты руаджы цæстдард цæуы йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм чызджытæ æмæ лæппутæм, æмбарын сын кæны, сæ фарсмæ, чи сæ уарзы, ахæм адæм кæй ис, уый.
Республикæйы национ музейы Кларæ æмæ Евæйы куыстыты равдыст байгом кæнынмæ се *вæрæн бахастой Цæгат Ирыстоны æмæ Стъараполы крайы æфсæддонты бинонты Комитеты æмæ æппæуæрæсейаг æхсæнадон змæлд «Бархионтæ-медиктæ».
Цæгат Ирыстонæй равдыст дарддæр абалц кæндзæн Махачкала, Стъарапол, Пятигорск æмæ Ессентукимæ. Афтæмæй Кларæ æмæ Евæйы курдиаты тыххæй базондзысты, сæхи куыд фæндыд, афтæ бирæ адæм.
Ацы бон уыдис ахсджиаг æрмæст чызджытæн нæ, фæлæ равдыстмæ бакæсынмæ чи *рбацыдис, уыдонæй алкæмæндæр. Хоты фарсмæ æрбалæууыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ, сæ хиуæттæ æмæ хæлæрттæ.
Равдыст адæмæн æхсызгондзинад хæсдзæн æнæхъæн мæй. Иу хатт ма фæбæлвырд кодта: низ курдиаты ныхмæ æдых кæй у, уый.




