филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:03 понедельник, 02 ноября 2026
29 октября 2026, 10:34
Дзæуджыхъæуы райдыдта æппæтадæмон-практикон конференци

Баст у зындгонд ирыстойнаг поэт æмæ рухстауæг Малиты Георгийы райгуырды 140 азы бонимæ

Дзæуджыхъæуы райдыдта æппæтадæмон-практикон конференци. Баст у зындгонд ирыстойнаг поэт æмæ рухстауæг Малиты Георгийы райгуырды 140 азы бонимæ. Конференцийы архайынц ахуыргæндтæ, фысджытæ, политиктæ æмæ æхсæнадон архайджытæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, Мæскуыйæ, Абхазæй, Цæцæны республикæйæ, Кæсæг-Балхъарæй. Мадзал саразыныл бакуыстой национ наукон библиотекæ стæй Патрис Лумумбайы номыл адæмты хæлардзинады университет. Конференцийы архайджытæ æрныхас кодтой поэты царды æмæ сфæлдыстадон фæндагыл, йе сфæлдыстадон бынтыл, ирон нырыккон литературæйыл æмæ дыгурон литературон традициты рæзтыл. Прогораммæ æххæст кæнгæйæ, конференцийы мæскуыйаг архайджытæ нысан кæнынц Хуссар Ирыстон бабæрæг кæнын, цæмæй бафыссой æмгуыстады меморандум адæмты хæлардзинады Университет стæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania