филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:57 воскресенье, 19 мая 2024
17 мая 2023, 11:23
Дзæуджыхъæу архайы 9-æм сæрдыгон универсиадæйы спортивон хъæбысхæстæй

Уæвгæ та дзы архайынц Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрады уæлдæр ахуыргæнæндæтты командæтæ

Дзæуджыхъæу архайы 9-æм сæрдыгон универсиадæйы спортивон хъæбысхæстæй. Уæвгæ та дзы архайынц Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрады уæлдæр ахуыргæнæндæтты командæтæ. Æдæппæтæй 200 студенты нæ бæстæйы 22 аграрон ахуыргæнæндонæй. Лæппутæ æмæ чызджытæ ерыс кæнынц дыууæ дисциплинæйы: грекъаг-римаг æмæ уæгъдибар  хъæбысхæстæй.  Уæрæсейы хъæууон хæдзарады уæлдæр ахуыргæнæндæтты Универсиадæ арæзт цæуы 2004-æм азæй фæстæмæ. Уыимæ йæ архайджыты географи афæдзæй-афæдзмæ кæны парахатдæр, командæты нымæц та кæны фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania