филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:42 пятница, 19 июня 2026
05 марта 2025, 10:34
Дзæуджыхъæу суазæг кодта Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты фыццаг бынат бацахсыны турнир хоккейæ

Ихын аренæйы ерыс кæнынц 12 азы онг спортсментæ

Дзæуджыхъæу суазæг кодта Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты фыццаг бынат бацахсыны турнир хоккейæ. Ихын аренæйы ерыс кæнынц 12 азы онг спортсментæ. Нæ командæ «Алайнаг стайтæ» 5 хъазтæй рамбылдта 4. Ерыстæ саразынæн баххуыс кодтой Уæрæсейы хоккейы Федераци æмæ  республикæйы зымæгон спорты хуызты Скъола. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæстондæр.

Фыццаг шайбæ хъазты райдиан  – уазджыты дуæртты. «Алайнаг стайтæ» размæ бырсынц ныфсджынæй. Æнкъарæнтæ цыма «Тагбан»-ы фæзы их стайын кæндзысты. Ростовæй Олимпаг резервы 6-æм спортивон скъола фæхæрд 10:6 хыгъдæй. «Стайты» капитан Евгений Бояркин бакъуырдта 2 шайбæйы, æмæ уымæй фæфидар кодта командæйы ныфс.

Нæ командæ ихыл ныфсджынæй равдыста йæхи. Хуссар федералон зылды ерысты 5 хъазтæй рамбылдта 4. Тренер Юрий Черныхы ныхæстæм гæсгæ, лæппутæ куы базонгæ вæййынц ныхмæллæууæджы хъазтæ миниуджытимæ, сæхи раздæры хъæзтыты рæдыдтытыл куы бакусынц, уæд сын æнцондæр вæййы радон матчы архайгæйæ.

Фыццаг бынат бацахсыны ерысты архайджытæ сты, 12 азы онг цы лæппутыл цæуы, ахæмтæ. Уæлахиздзау суæвыныл ерыс кæнынц командæтæ Дзæуджыхъæуæй, Сочийæ, Волгоградæй, Симферополæй æмæ Ростовæй. Ихын фæз «Тагбан» турниртæ фыццаг хатт нæ сарæзта. Йæ директор Алексей Бояркин фехъусын кодта,  финал дæр ам саразынвæнд кæй кæнынц, уый тыххæй.  Йæ хъуыдымæ гæсгæ, фыццаджыдæр ахсджиаг у, ерыстæ сæ архайджытæн æмæ сæм кæсынмæ чи *рбацæуы, уыцы адæмæн æхсызгондзинад кæй хæссынц, уыцы хъуыддаг.

Архайджытæ æмæ ерыстæ саразджытæ ахæм мадзæлттæ нымайынц республикæйы сывæллæтты хоккейы рæзты стыр къахдзæфыл. Иннæ къæпхæн уыдзæн финал. Уым æрыгон хоккеисттæ ерыс кæндзысты Æппæуæрæсеон турнир «Кубок Владислава Третьяка»-йы архайæг суæвыныл.  Турнир арæзт æрцыд Уæрæсейы хоккейы федераци æмæ республикæйы спорты зымæгон хъæзтыты спортивон скъолайы æххуысæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania