филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:23 четверг, 02 мая 2024
20 октября 2022, 11:27
Дзæуджыхъæу суазæг кодта турнир IRON FIGHT TIME-ы архайджыты

Егъау ерысты сæ тыхтæ бафæлвæрдтой 15 клубы, æдæппæтæй 250 спортсмены

Дзæуджыхъæу суазæг кодта турнир IRON FIGHT TIME-ы архайджыты. Егъау ерысты сæ тыхтæ бафæлвæрдтой 15 клубы, æдæппæтæй 250 спортсмены. Спортивон мадзал саразыныл бакуыста Цæгат Ирыстоны æмхæццæ хъæбысхæсты хуызты федерацийы разамынд. Ацы аз турнир баййæфта ивддзинæдтæ. Раздæр-иу дзы архайдтой æрмæстдæр бынæттон спортсментæ. Ныр та йæм хуынд æрцыдысты Стъараполы крайы минæвæрттæ дæр. Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæдтой 8 спортсмены, 14 азæй 20 азы онг, 40 килограммæй 77 килограммы онг категориты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania