филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:32 вторник, 03 ноября 2026
28 марта 2026, 10:26
Дзæуджыхъæу цæттæ кæны уалдзæгыл дидинджытимæ сæмбæлынмæ

«Владзеленстрой»-ы специалисттæ бавнæлдтой цъæх фæлысты куыстытæм

Дзæуджыхъæу цæттæ кæны уалдзæгыл дидинджытимæ сæмбæлынмæ. «Владзеленстрой»-ы специалисттæ бавнæлдтой цъæх фæлысты куыстытæм. Дидинджытæ садзынц сæйраг транспортон райхæлдтыл: Сырхгвардион, Архонкæйы æмæ Китайаг зылдтыл. æдæппæтæй горæты сæвæрдзысты дидинджыты мингай композицитæ, кæрæдзийы ивдзысты ноябры онг. æппæтæй стырдæр дидинæгдонтæ традицимæ гæсгæ уыдзысты Намысы мемориалы, сæйраг фæзты æмæ Дзæуджыхъæумæ бацæуæнты. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ацы клумбæйыл цалынмæ дидинджыты композици фæзына, уæдмæ уал специалисттæ сыгъдæг кæнынц мæр хус кæрдæгæй, фæлмæн æй кæнынц. æмæ æрмæст уый фæстæ райдайдзæн сæ куысты æппæтæй æнæзынгæдæр хай – саддзысты дидинджытæ. Алла Титковайæн горæт аив кæнын сси традици. Алы аз дæр, нывгæнæгау, йæ хайæдтæ сахоры уалдзæджы ахорæнтæй.

Садзæнтимæ кæрдæгхуыз асыччытæ равæрдтой клумбæйы дæргъмæ. Уыдон сты горæты фидæны пейзажы палитрæ. Дзæуджыхъæуы цъæх фæлысты уалдзыгон куыстытæ ныр райдайынц. «Владзеленстрой»-ы специалисттæ кусынц сæйраг транспортон райхæлдтыл. Хæстæгдæр рæстæг дидинджытæ фæзындзысты Сырхгвардион, Архонкæйы æмæ Китайаг зылдтыл.

Тагетесты æмæ сальвиты ирд бутонтæ нырма æмбæхст сты. Ацы дидинджытæ хуымæтæджы нæ равзарынц – горæты климат сын хорз бæззы.
æппæтæй стырдæр дидинæгдонтæ традицимæ гæсгæ уыдзысты Намысы мемориалы, стæй сæйраг фæзты. Ирд композицитæ фæзындзысты Дзæуджыхъæумæ бацæуæнты дæр.

Дзæуджыхъæуы центры ауындзгæ кашпотæй тагъд рауайдзæн дидинджыты æцæг æхсæрдзæнтæ. Цъæх фæлысты куыстытæ æххæстгæнгæйæ горæты фæзындзæн мингай ампелон зайæгойтæ æмæ дидинджыты ног композицитæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania