филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:42 четверг, 02 мая 2024
07 октября 2022, 11:39
Дзæуджыхъæуккаг спортсментæ систы фехтованийæ Æппæтуæрæсеон ерыстæ уæлахиздзаутæ

Не мзæххон чызджытæ семæ сластой хæрзиуджыты 3 комплекты

Дзæуджыхъæуккаг спортсментæ систы фехтованийæ Æппæтуæрæсеон ерыстæ «Донская осень»-ы уæлахиздзаутæ. Цыдысты Ростовы. Не мзæххон чызджытæ семæ сластой хæрзиуджыты 3 комплекты. Уыдон сты 4 сыгъзæрины æмæ 4 æвзист майданы. Ерысты архайдтой 70 спортсменæй фылдæр. Аргъ сын кодтой сæ кармæ гæсгæ. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр хабæрттæ.

Ирыстойнаг фехтовальщицæты радон æнтыстдзинад. Ацы хатт чызджытæ рамбылдтой 14 майданы. Се хсæн 4 сызгъæрины æмæ 4 æвзист хæрзиуæджы. Дзæхаты Виолеттæ ацы спорты хуызы ис 7 азы. Ныридæгæн уыди бирæ ерысты, æмæ йæ хорз зоны, уæлахиз цы аргъæй æнтысы, уый.

Нæ республикæйы иугонд командæйы тренер Хъараты Аринæ куыд зæгъы, афтæмæй нæ чызджытæ равдыстой хорз бæрæггæнæнтæ. Уый та у зæрдиаг тренировкæты хатдзæг. Спорстменкæтæ залы вæййынц æртыгай сахаттæ.

Уæлдай цымыдисдæр ерыс рауад финалы. Фыццаг бынат бацахсыныл командон ерысты сæ тыхтæ фæлвæрдтой дыууæ ирыстойнаг командæйы Алания-1 æмæ Алания-2. Кертанты Леонæйæн дæр ацы ерыстæ фыццаг нæ уыдысты. Фæлæ уæддæр алы хатт дæр йе нкаърæнтæ æмбæхсын зын вæййы.

Цæгат Ирыстоны спорты ацы хуызы сæхи фæлварынц бирæ фæсивæд. Шпагæ æмæ рапирæйæ архайыныл ахуыр кæнын райдайынц 7 азæй фæстæмæ.

Фехтовани абарæн ис шахмæттимæ. Канд цæф скæнын – уый иу хъуыддаг, фæлæ ма хъæуы тохы стратегийыл бакусын дæр, æмæ афтæмæй ныхмæлæууæджы архайд рагацау базонын. Фидарæй зæгъæн ис, ацы спорты хуыз фæсивæдмæ гуырын кæны куыд спортивон зонындзинæдтæ, афтæ тактикон миддуне дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania