Сæрвыстой йæ Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады фæндаггон змæлды æдасдзинады сæйраг управленийæ
Дзæуджыхъæумæ ссыди сæрмагонд автобус-тренажер. Сæрвыстой йæ Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады фæндаггон змæлды æдасдзинады сæйраг управленийæ. Ахуырты архайдтой, 7 азæй 12 азы онг кæуыл цæуы, ахæм 4 сæдæ сывæллонæй фылдæр. Сывæллæттæ ацыдысты виртуалон балцы. Тренажерты фæрцы æрхъуыды кодтой фæндаггон цау. Автобус ифтонг у, ахуыртæн цы хъæуы, ахæм æрмæгæй. Машинæйы ма ис фæздæджы генератор дæр. Куы йæ скусын кæнай, уæд автобусы салон фæздæгæй байдзаг вæййы. Ахуыртæ цæуынц æппæт Цæгат Кавказы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ республикæмæ ахæм машинæ фыццаг хатт не ссыд. Ахуырадон мадзæлттæ ма цыдысты 10 азы размæ дæр. Абоны онг ацы тренажер Уæрæсейы территорийы у иунæг.