15 мая 2026, 09:36
Дзæуджыхъæуы 11-æм скъолайы ахуырдзаутæн фембæлд уыди Тасойты Иналимæ æмæ Тменаты Тамерланимæ
Фембæлд уыди парти «Иугонд Уæрæсе»-йы проект «Выбор сильных» æххæстгæнгæйæ
Дзæуджыхъæуы 11-æм скъолайы ахуырдзаутæн фембæлд уыди дунейы дыууæ хатты чемпион дзюдойæ Тасойты Иналимæ æмæ Уæрæсейы дзюдойы федерацийы вице-президент Тменаты Тамерланимæ. Фембæлд уыди парти «Иугонд Уæрæсе»-йы проект «Выбор сильных» æххæстгæнгæйæ, йæ куратор у – Олимпаг хъæзтыты медалист æмæ призер, Европæйы 7 хатты чемпион Тменаты Тамерлан. Проекты нысан у – æнæниз цардыуаг æмæ патриотон хъомылад парахат кæнын. Ахуырдзаутæн радзырдтой дзюдойы историйы, спорты ацы хуызы хицæндзинæдты, стæй стыр уæлахизтæм фæндаджы тыххæй. Зындгод спортсментимæ фембæлд уыди скъоладзаутæн сæхи курдиатмæ гæсгæ.




