филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:44 вторник, 03 ноября 2026
10 мая 2025, 09:20
Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы арæзт æрцыд традицион акци «Номарæн вахтæ»

Ахуыргæнæндоны кæрты æрæмбырд сты скъоладзаутæ, сæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ

Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы арæзт æрцыд традицион акци «Номарæн вахтæ». Афæдзæй-афæдзмæ кæны парахатдæр. Ахуыргæнæндоны кæрты æрæмбырд сты скъоладзаутæ, сæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ. Иууылдæр æрымысыдысты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард æмæ тох кодта, уыцы хъæбатырты. Лæппутæ æмæ чызджытæ аив бакастысты æмдзæвгæтæ, акодтой хæстон зарджытæ. Сæ къухты та хастой хæсты ветеранты æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты портреттæ. Уазджыты хсæн уыдысты, абон нæ бæстæйы кад æмæ намыс чи хъахъхъæны, уыцы æфсæддонты ныййарджытæ. Уæлахизы бонмæ скъолайы аллейæ саив кодтой ветеранты хуызистытæ æмæ биографитæ. Сæ фарсмæ та бакæсæн ис скъолайы рауагъдонты — сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты къамтæм æмæ сæ хъайтардзинадыл дзурæг æрмæджытæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania