филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:31 воскресенье, 28 апреля 2024
02 марта 2023, 12:53
Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы байгом профилон кълас

Ныр скъоладзаутæн фадат уыдзæн медицинæ бæстондæр базонынæн

Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы байгом профилон кълас. Ныр скъоладзаутæн фадат уыдзæн медицинæ бæстондæр базонынæн. Уроктæм сæм æрбацæуынц нæ республикæйы дохтыртæ, Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы æмæ медицинон колледжы минæвæрттæ. Профилон къластæ фæзындысты, нæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ. Ныридæгæн ахæм кълæстæ ис Дзæуджыхъæуы 27-æм æмæ 42-æм скъолаты. Мадзалмæ хуынд æрцыд не сфæлдыстадон къорд дæр æмæ ныхасы бар Тъехты Элинæйæн.

Афтæ, 27-æм скъолайы 10-æм къласы ахуырдзаутæ æвдисынц, сæ ног медицинон къласы цы ног зонындзинæдтæ райстой, уый. Джыбылаты Дзерассæ йæ сабибонтæй фæстæмæ фæнд кодта дохтыр суæвын. Медицинон къласы практикон куысты фæстæ йæ цард медицинæимæ кæй сбæтдзæн, уый дыууæйыл нал уыд.

Профилон кълæстæ фæзындысты нæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ. Арæзт сты 10-æм кълæсты ахуырдзаутæн. Ныридæгæн ахæм кълæстæ ис Дзæуджыхъæуы 27-æм æмæ 42-æм скъолаты. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ 27-æм скъолайы ис профилонтæм цæттæгæнæн кълæстæ дæр. Ахадынц 7-æм къласæй 9-æм къласы ахуырдзаутыл.

Скъоладзаутæм æрбацæуынц нæ республикæйы дохтыртæ, Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы æмæ медицинон колледжы минæвæрттæ. Радзурынц сын сæ куыстыты тыххæй, стæй медицинæ адæймаджы царды цы ахсджиаг бынат ахсы, уый тыххæй дæр. Сæ дæнцæгыл скъоладзаутæ дæр сразæнгард сты адæмы хорз кæнынмæ.

Ахсджиаг у уый дæр, æмæ 27-æм скъолайы, 2021-æм азы, сентябры бакодтой скъолайы фыццаг кванториум.

Медицинон кълæстæ Дзæуджыхъæуы дыууæ скъолайы кæй сты, уымæ гæсгæ мадзалы кæронбæттæны 27-æм æмæ 42-æм скъолайы ахуырдзаутæн радтой хæслæвæрдтæ, цæмæй цы ног зонындзинæдтæ райстой, уыдон равдисой, уый тыххæй. Медицинон кълæстæм сæ бон бацæуын у, фæлварæнтæ цы скъоладзаутæ радтой, уыдонæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania