30 марта 2023, 11:06
Дзæуджыхъæуы 44-æм скъолайы ацыд мобилон æдасдзинады темæимæ баст фембæлд
Скодта йæ Цæгат Ирыстоны нымæцон райрæзты комитеты сæрдары хæдивæг Хъуылаты Маринæ
Куыд хъахъхъæнгæ сты социалон хызты аккаунттæ? Дзæуджыхъæуы 44-æм скъолайы ацыд мобилон æдасдзинады темæимæ баст фембæлд. Скодта йæ Цæгат Ирыстоны нымæцон райрæзты комитеты сæрдары хæдивæг Хъуылаты Маринæ. Бацамыдта, цæстфæлдахджытæй хи хъахъхъæнын куыд хъæуы, уый. Уымæй уæлдай ма скъоладзаутæн радзырдтой, зын парольтæ æвæрын куыд ахсджиаг у, уый. Цæгат Ирыстоны нымæцон уроктæ сты традицион.