филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:47 пятница, 19 июня 2026
21 апреля 2026, 10:37
Дзæуджыхъæуы 50-йæм скъолайы арæзт æрцыд хæрзаудæн армукъа

Ахуырдзаутæ сæ ныййарджытимæ æрбахастой алыхуызон хойрæгтæ

Дзæуджыхъæуы 50-йæм скъолайы арæзт æрцыд хæрзаудæн армукъа. Ахуырдзаутæ сæ ныййарджытимæ æрбахастой алыхуызон хойрæгтæ. Кълæстæ хæлттæ сæппæрстой æмæ сæ алчидæр бацæттæ кодта бæлвырд адæмыхаттимæ баст хæринæгтæ. Уымæй фæстæмæ ма уыд бæрæгбоны концерт. Импровизацигонд сценæмæ рахастой алы адæмты культурæ æвдисæг кæфтытæ æмæ зарджытæ. Бæрæгбон саив кодта Уæрæсейы гвардийы оркестр дæр. Армукъайы архайдтой дагестайнаг, азербайджайнаг, уырыссаг æмæ таджикаг национ æхсæнадты минæвæрттæ. Мадзалы цы фæрæзтæ æрæмбырд, уыдон æрвыст æрцæудзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæн æмæ Дагестаны хъыгдардбаййафæг цæрджытæн æххуысæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania