филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:36 среда, 08 мая 2024
24 февраля 2021, 13:44
Дзæуджыхъæуы 50-йæм скъолайы ацыд акци «Чемпионимæ зарядкæ»

Зындгонд спортсментæ скъоладзаутæн равдыстой, чемпионы райсом цæмæй хъуамæ райдайа, уый

Дзæуджыхъæуы 50-йæм скъолайы ацыд акци «Чемпионимæ зарядкæ». Зындгонд спортсментæ скъоладзаутæн равдыстой, чемпионы райсом цæмæй хъуамæ райдайа, уый. Чызджытæн зарядкæ равдыста Европæйы æмæ дунейы чемпионаты призер фехтованийæ Гуыцмæзты Майæ. Лæппутæн та – Уæрæсейы чемпион таййаг боксæй Саламаты Алан, æмæ лигæ «Колизей»-ы чемпион Плиты Сæрмæт. Дæргъмæ гæпп кæнын, хи хæрдмæ ивазын, алыхуызон эстафетæтæ… Скъоладзаутæ зæрдиагæй архайдтой акцийы. Ацы акци арæзт цæуы горæты фæсивæдон политикæйы, физкультурæ æмæ спорты комитеты хъæппæрисæй. Дзæуджыхъæуы администрацийæ скъоладзаутæ райстой спортивон инвентарь дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania