Ацы фыдрыкæнд сæххæст кодта Хуссар Ирыстоны 20 азæй фылдæры размæ
Дзæуджыхъæуы æрцахстой лæгмарды кæй азымджын кæнынц, ахæм нæлгоймаджы. Ацы фыдрыкæнд сæххæст кодта Хуссар Ирыстоны 20 азæй фылдæры размæ. Слесты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2001-æм азы азымджын хæцæнгарзæй фехста йæ 22-аздзыд зонгæйы йæ сæрмæ. Лæппу фæмард. Цхинвалы барадхъахъхъæнæн оргæнтæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Фыдгæнæг бамбæхст. Æхсæнадæмон агуырды йæ расидтысты. Азымджын кодта æмбæхст царды уаг, ивта телефоны номертæ æмæ цæрыны бынæттæ Краснодары крайы æмæ Цæгат Ирыстоны. Æрцахстой йæ Дзæуджыхъæуы. 2 бæстæйы барадхъахъхъæнæн оргæнты куыст саразыныл бацархайдтой Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты оргæнты иумæйаг информацион-координацион центры кусджытæ. Уый тыххæй радзырдта Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады официалон минæвар Ирина Волк.




