филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:23 вторник, 18 июня 2024
11 ноября 2020, 13:00
Дзæуджыхъæуы æрцыд республикæйы хицауады æмбырд

Финансты министр радзырдта 2021-æм 2023-æм азы бюджет арæзт кæй æрцыд бæстæйы президент æмæ республикæйы сæргълæууæджы фæндонмæ гæсгæ, национ æмæ сæрмагонд фарстатæ хынцгæйæ

Хæстæгдæр 3 азы бюджет фидаргонд æрцыд, хъармгæнæн рæстæджы къуылымпытæ не рцæудзæн, Беслæны фыдбылызы чи бахауд, уыдонæн та æндæр бæстæты дзæбæх кæнынмæ скæндзысты материалон æххуыс. Ацы фарстатæ фидаргонд æрцыдысты республикæйы хицауады æмбырды. Финансты министр радзырдта 2021-æм 2023-æм азы бюджет арæзт кæй æрцыд бæстæйы президент æмæ республикæйы сæргълæууæджы фæндонмæ гæсгæ, национ æмæ сæрмагонд фарстатæ хынцгæйæ. Бюджетыл фæбæрæг лæмæгъ экономикæ. Хъалонты æмæ æндæр æфтиаг уыдзæн 12 миллиард сомы. Оксана Карова куыд радзырдта, афтæмæй республикон бюджетæн йæ 96% арæзт сты хи æфтиæгтæй. Тускъаты Таймураз бахынцта, бюджеты проектыл кæй цыд стыр куыст, æмæ ахсджиаг у фидæны аз бакусын хи æфтиагтæ фæфылдæр кæныныл.

Фæллойы æмæ социалон рæзты министрад та фехъусын кодта, 2004-æм азы Бесланы теракты чи бахуд, уыдонæн фæсарæнты дзæбæх кæнынмæ материалон æххуыс цы хуызы конд цæудзæн, уый тыххæй. Фæрæзтæ нымад цæудзысты хицæнтæй, дзæбæх кæныны, фæндаггаджы æмæ фысымуаты æргътæ хынцгæйæ.

Æмбырды ма цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады ведомствæйы разамонæг Таматы Майрæн радзырдта, зымæгмæ нæ республикæ цæттæ кæй у æмæ зæрдæ бавæрдта къуылымпыдзинæдтæ кæй не рцæудзæн, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania