филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:33 вторник, 03 ноября 2026
24 декабря 2024, 10:37
Дзæуджыхъæуы алы районты дæр байгом сты заз бæлæстæ уæйгæнæн бынæттæ

Æдæппæтæй сты 7

Ног азы символтæй иу у хæрзконд цъæх заз бæлас. Иуæй-иу адæм балхæнынц хъæдæй ласт, иннæтæ та равзарынц аразгæ бæлæстæ. Æппæты диссæгты бæрæгбоны размæ Дзæуджыхъæуы алы районты дæр байгом сты заз бæлæстæ уæйгæнæн бынæттæ. Æдæппæтæй сты 7. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Ног азы агъоммæ Дзæуджыхъæуы алы районты байгом сты заз бæлæстæ уæйгæнæн бынæттæ. Сты 7. Ацы аз республикæмæ æрбаластой бæлæстæ 5 мины æмæ æрдæг. Фæхæццæ сæ кодтой Пермæй, Свердловскы æмæ Дæллаг Новгороды облæсттæй. Кæцыдæртæ та — суанг фæсæрæнтæй. Æппæты стырдæр базар байгом Олимпаг паркмæ бацæуæны. Пихтæ, заз æмæ  нæзы —  бæлæстæй равзарæн ис зæрмæдзæугæдæр.

Заз бæлæстæ уæйгæнæн бынæттæ æрæджы байгом сты.  Æлхæнджыты нымæц бонæй бон кæны фылдæр. Æвзаргæ сæ кæнынц алыхуызон — иутæ сын кæсынц сæ асмæ, иннæтæн та сæйрагдæр у сæ хæрздæф. Уæйгæнджыты хъæуыдымæ гæсгæ, фыццаджыдæр кæсын хъæуы сæ хихтæм. Кæд бургонд сты, уæд бæлас раджы лыггонд æрцыд. Æвзарын хъæуы йæ хихтæ цъæх-цъæхид кæмæн сты, ахæм.

Заз бæлæстæ кæд тынг бирæ ис уæййаг, уæддæр иуæй-иутæ ацæуынц хъæдмæ æмæ сусæгæй ралыг кæнынц бæлæстæ.  Фæдзæхст бынæтты кусджытæ архайынц ахæм закъонхæлдтæ ма руадзын. Æдзухдæр сты хъæдты, аразынц алыхуызон мадзæлттæ заз бæлæстæ бахъахъхъæнынæн.

Заз бæлæстæ уæй кæндзысты 31-æм декабрьмæ. Уыцы рæстæгмæ алы адæймагæн дæр йæ бон уыдзæн заз бæлас балхæнын æмæ бæрæгбоны уæлдæф банкъарын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania