филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:21 пятница, 19 июня 2026
14 апреля 2026, 11:33
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд ахсджиаг фембæлд

Ныхас цыд, Уæрæсейы удварны хæзнаты бындурыл арæзт паддзахадон æмæ этникон ахастдзинæдтыл нырыккон царды

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд ахсджиаг фембæлд. Ныхас цыд, Уæрæсейы удварны хæзнаты бындурыл арæзт паддзахадон æмæ этникон ахастдзинæдтыл нырыккон царды. Æргом ныхасы архайдтой нæ республикæйы æмæ сыхаг регионты дины æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Цæгат Ирыстоны муфтий Гуæцæлты Хадзымурат куыд загъта, афтæмæй фембæлды сæйраг нысан у æхсæнад æнгомдæр кæнын. Уæлдай æргом та фæсивæды ахастдзинæдтæм здахын. Æмбарын сын кæнын царды ахсджиагдæр хъуыддæгтæ. Кæрæдзийæн æмæ нæ бæстæйæн аргъ кæнын – дин, адæмыхатт æмæ цæрыны бынат нæ хынцгæйæ. Ныхас ма цыд нырыккон æхсæнады традицион удварны бындуртæ бахъахъхъæныныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania