филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:49 вторник, 07 мая 2024
11 августа 2020, 11:29
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд куыстуат «Ирыстоны фармация æмæ медицинон техникæ»-йы сæрмагонд къамисы æмбырд

Архайдтой дзы Парламенты депутаттæ алы партитæй

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд, паддзахадон автономон куыстуат «Ирыстоны фармация æмæ медицинон техникæ»-йы сæрмагонд къамисы æмбырд. Архайдтой дзы Парламенты депутаттæ алы партитæй. Ныхас кодтой, пандемияйы рæстæг куыд куыстой, ууыл. «Ирыстоны фармация æмæ медицинон техникæ» у, нæ республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады бæрны чи ис, уыцы куыстуæттæ хостæй чи ифтонг кæны, ахæм иунæг организаци. Æмбырды архайджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй ацы куысты фæрцы фарстамæ цыди бæстон цæстдард, æмæ дзы закъонхæлдтытæ не рцыд. Æмбырды хаст æрцыд уынаффæ, медицинон препаратты резерв фæхъæздыгдæр кæныны тыххæй. Депутаттæ ма æркастысты аукционты ног курдиæттæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania