филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:58 пятница, 18 сентября 2026
17 сентября 2026, 10:38
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд регионалон форум «Россия – мои горизонты: найди свое призвание»

Йæ архайджытæ систы 200 скъоладзауы, сæ ныййарджытæ æмæ педагогтæ

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд регионалон форум «Россия – мои горизонты: найди свое призвание». Йæ архайджытæ систы 200 скъоладзауы, сæ ныййарджытæ æмæ педагогтæ. Бацæттæ сын кодтой профессионалон фембæлдтытæ, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ æмæ республикæйы хуыздæр куыстуæтты минæвæрттимæ мадзæлттæ. Цавæр æххуыс бакодтой скъоладзаутæн, уый тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Регионалон форум «Россия-мои горизонты», кæнæ хи агурыны тыгъдад. Алы фæзты, фæлæ иу нысанимæ архайджытæ бакъахдзæф кодтой æппæтуæрæсеон профориентацион мæймæ. 200 скъоладзауæй фылдæр, дæсгай дæсныйæдтæ, æмæ æрмæст иу бон бамбарынæн, скъолайы фæстæ кæдæм бацæуæн ис, уымæн. Алыхуызон дæсныйæдтимæ базонгæ уæвын у æнцон. Уæлдайдæр та, куыст хъазты хуызы куы саразынц, уæд. Афтæ скодтой профориентацион квизы. Иу туры иннæйы фæстæ иртæстой архайджыты зонындзинæдтæ. Ахæм креативон куысты хуыз цымыдисаг уыдис скъоладзаутæн.

Архайджытæм – алыхуызон нысантæ æмæ фæндтæ. Зæгъæм, Зилгæйы Советон Цæдисы хъайтар æхсараты Энверы номыл скъолайы ахуырдзау Гамлет Арутюняны бæллиц у тæхæг суæвын.

Ахæм ныфсджын сывæллæттæ чысыл не сты, фæлæ архайджыты *хсæн ис, йæ фидæн цавæр дæсныйадимæ бабæтдзæн, уый чи нæ зоны, ахæмтæ. Сывæллæтты уæндондæр скæнын, фидæнимæ баст раст хъуыдытæ сын æмбарын кæнын фæлвæрдта республикæйы куыст дæттыны комитеты хайады сæрдар Габанты Маринæ. Скъоладзаутимæ ныхас кодтой арф зонындзинæдтæ исыны æмæ практикон фæлтæрддзинады ахсджиагдзинады тыххæй. Кæронбæттæны та сын радзырдтой дæсны нæлгоймаджы тыххæй цымыдисаг таурæгъ.

Дарддæр эксперт архайджыты фæлвæрдта сæрмагонд интерактивы руаджы, цæттæ сты фидæны дæсныйад равзарынмæ æви нæ, уый базонынæн.

Амынд нысантæй пайдагæнгæйæ, алчидæр базыдта, хæстæгдæр сæ кæмæн цавæр дæсныйад у, уый.

Скъоладзауты ахуыр кодтой коммуникативон къабазы æмæ медиа тыгъдады кусын. Ацы лекци сарæзта шоумен Куыдзиаты Сослан. Бындурæн йæ фæлтæрддзинад райсгæйæ, архайджытæн лæвæрдта, фидæны сæ цы бахъæудзæн, ахæм зонындзинæдтæ.
Архайджытæ куыд фæбæрæг кодтой, уымæ гæсгæ сын лекци уыдис тынг ахадгæ.

Профориентацийы æппæтуæрæсеон мæйы фæлгæты мадзæлттæ аразынц бæстæйы алы рæтты. Цæгат Ирыстоны ацыдысты 22 скъолайы. Форумы архайдтой æрмæст сывæллæттæ нæ, фæлæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ. Уыдонæн сарæзтой цымыдисаг стратегион сесситæ. Скъоладзаутæ та уыдысты экскурситы алыхуызон куыстуæтты, цæмæй базонгæ уой дæсныйæдты хицæндзинæдтимæ. Форум арæзт æрцыд Уæрæсейы рухстауынады министр Сергей Кравцовы уынаффæмæ гæсгæ. Цæгат Ирыстоны ацыд республикæйы ахуырады æмæ зонæдты министры æххуысæй.

Форум фæцис, фæлæ йæ мингай архайджытæ нырма ныр лæууынц сæ профессионалон фæндаджы райдиан. Абон сæ дæсныйады раст æвзæрст уыдзæн уæндон къахдзæф æнтыстджын фидæнмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania