14 сентября 2021, 11:57
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Сæргълæууæджы æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды Кубоктæ рамбулыны турнир мотокроссæй
Ерысты сæ арæхстдзинад равдыстой 80 спортсменæй фылдæр Цæгат Кавказы æмæ Хуссар федералон зылдтæй
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд, республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды Кубоктæ рамбулыны турнир мотокроссæй. Спортсменты хъуыди цæлхдуртимæ трассæйыл ацæуын. Уыимæ 2 километры дæргъы трамплинтимæ, фæзилæнтимæ, хæрдмæ ссæуынимæ æмæ бынмæ æрхизæнимæ. Ерысты сæ арæхстдзинад равдыстой 80 спортсменæй фылдæр Цæгат Кавказы æмæ Хуссар федералон зылдтæй. Цæгат Ирыстоны номæй та сæхи бафæлвæрдтой 20 спортсмены онг. Спортивон мадзал саразыныл бакуыста республикæйы спорты министрад стæй автомотоспорты федераци.
темæмæ гæсгæ