филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:23 суббота, 04 мая 2024
01 марта 2024, 12:05
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат дзюдойæ

Ерыстæ фыццаг хатт нæ цæуынц, фæлæ сæ ацы хатт суазæг кодта Цæгат Ирыстон

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат дзюдойæ. Ерыстæ фыццаг хатт нæ цæуынц, фæлæ сæ ацы хатт суазæг кодта Цæгат Ирыстон. Кадджын майдантæ æмæ кубоктæ рамбулыныл архайдтой 90 адæймагæй фылдæр. Сты æфсæддон хæйтты æмæ территориалон разамынды оргæнты хуыздæр спортсментæ. Æдæппæтæй сæ тыхтæ бафæлвæрдтой 18 командæйы Цæгат Кавказы 7 регионæй. Чемпионаты архайджытæ ерыс кодтой алы уæзы категориты. Уымæ гæсгæ ерысхъомдзинад уыд бæрзонд æмвæзадыл. Турнир саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм мадзæлттæ фадат дæттынц фæсивæды ргом спортмæ фылдæр здахынæн, æмæ хуыздæр бæрæггæнæнтæ æвдисынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania