27 декабря 2022, 11:26
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг чемпионат джиу-джитсуйæ
Ерысты архайдта 100 спортсменæй фылдæр 5 кары категорийы
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг чемпионат джиу-джитсуйæ. Ерысты архайдта 100 спортсменæй фылдæр 5 кары категорийы. Цæгатирыстойнаг архайджытимæ призон бынæттыл тох кодтой спортсментæ Дагестанæй æмæ Кæсæг-Балхъарæй. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой майдантæй æмæ кады гæххæттытæй. Хатдзæгтæм гæсгæ, хуыздæртæ архайдзысты Уæрæсейы чемпионаты джиу-джитсуйæ. Ерыстæ уыдзысты январы кæрон.
темæмæ гæсгæ