филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:20 суббота, 04 мая 2024
12 марта 2024, 12:47
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд велосипедтыл дугъ «Вместе мы сила – голосуем за Россию!»

Баст уыд Уæрæсейы президенты æвзæрстытимæ

«Вместе мы сила – голосуем за Россию!». Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд велосипедтыл дугъ. Баст уыд Уæрæсейы президенты æвзæрстытимæ. Бацæттæ йæ кодта республикæйы æвзарæн къамис. Мадзалы сæйраг нысан уыд, æнæниз цардыуаг æмæ патриотизмы æнкъарæнтæ парахат кæнын. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим, республикæйы Хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ. Велосипедистты маршрут райдыдта Къостайы проспекты фыццаг фæзилæнæй, уырдыгæй ныхæццæ сты Московскийы сосæ фæндагмæ æмæ фæстæмæ æрбаздæхтысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania